Республикæ диныл хæст адæмæн фаг «гом» нæу. Уый тыххæй абон дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид фехъусын кодта йæ пресс-конференцийы. Ацы хъуыддаг схуыдта, бакусын кæуыл хъæуы, ахæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ис, адæмæн æвдисын кæй хъæуы, ахæм бынæттæ. Епархийы ныридæгæн снысан кодтой рагон чырыстон Аланийы цыртдзæвæнтæм сæрмагонд маршрут. Æмбырды ныхас кодтой бирæ азты арæзтæдтыл дæр.
источник: ГТРК Алания