Нæ рагфыдæлты культурон хæзнатæй иу – Нузалы аргъуан бахъахъхъæнын, ахæм нысанимæ дзы кусынц Санкт-Петербурджы специалисттæ. Фæстаг хатт дзы цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты 30 азы размæ. Ныр бæстæйы цæгатаг горæты специалистты сæйраг хæс у, рæстæджы фæлмы баззайынæй цы нывæфтыдтæн у тæссаг, уыдон бахъахъхъæнын.
Источник: ГТРК Алания