29.07.2015 12:01

Сыгъдæг Никъалайы номыл ног аргъуанæн бамбæрзтой йæ сæр æмæ йын сфидар кодтой йæ дзуар

Николаевскийы станицæйы хистæр кары цæрджытæ ма хорз хъуыды кæнынц, сæ хъæуы цы рæсугъд аргъуан уыд, уый. Советон дуджы рæстæг æй фехæлдтой. Ныр æй райдыдтой ногæй аразын.

Бындур ын сæвæрдтой 90-æм азты. Фæлæ куыстытæ размæ нал цыдысты. Æмæ дзы арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2013 азы.

Сыгъдæг Никъалайы номыл ног аргъуанæн уал амад æрцыдысты йæ къултæ, бамбæрзтой йын йæ сæр, сфидар ын кодтой йæ дзуар.

Источник: ГТРК Алания

Просмотров 564

Все видеоматериалы