10.07.2015 16:26

Къниаз Владимир ацы дунейæ куы ахицæн, уæдæй нырмæ рацыд 1000 азы

Дзуарттæм хæстæг, Къниаз Владимир ацы дунейæ куы ахицæн, уæдæй нырмæ рацыд 1000 азы. Уый кадæн йе стæгдартæ фыццаг хатт сластой Цæгат Ирыстонмæ. Чырыстон диныл хæст адæмæн сæм сæ бон у бандзæвын у Сыгъдæг Георгийы аргъуаны. Уыцы фадат сын уыдзæн 12-æй - 15-æм июльмæ. Ацы цауæн ис стыр нысаниуæг. Уæрæсейы Чырыстон аргъуанæн ацы стæгдартæ радтой 5 азы размæ. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй Къниазы 1015-æм азы баныгæдтой, йæхæдæг цы аргъуан арæзта, уым. Фæлæ тæтæр-монголы æрбабырсты фæстæ аргъуан фехæлд, буаргъæдтæ дæр фесæфтысты. Фæстæдæр сæ ссардтой æмæ сæм чырыстон диныл хæст адæм цыдысты кувынмæ. Советон рæстæджы Къниазы стæгдартæ æмбæхстой Кремлы.

Источник: ГТРК Алания

Просмотров 667
Tagged under

Все видеоматериалы