Вторник, 06 Январь 2015 15:14

Мæскуы æмæ æгас Уæрæсейы Патриарх КИРИЛЛЫ ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Мæскуы æмæ æгас Уæрæсейы Патриарх КИРИЛЛЫ ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ алчертæ, сауджынтæ, моладзантæ æмæ Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм.

 

 

Мæскуы æмæ æгас Уæрæсейы Патриарх
КИРИЛЛЫ
ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ
алчертæ, сауджынтæ, моладзантæ
æмæ Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм


Цытджын алчертæ, сауджынтæ, диакъонтæ,
уæздан моладзантæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

Ацы табуйаг æхсæв сидын уе ‘ппæтмæ дæр, алы бæстæтæ, сахартæ æмæ хъæуты цæрджытæ, Иугонд Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны хъæбултæ, æмæ уын зæрдæбынæй арфæ кæнын дунеирвæзынгæнæг бæрæгбоны — Чырыстийы Райгуырды — фæдыл. Зæрдиаг салам уын æрвитын, мæ зынаргъ хæлæрттæ! Кувын æмæ бæллын, цæмæй ацы стыр бæрæгбон не ‘ппæты зæрдæтæ дæр байдзаг уой уæларвон цинæй, цæмæй уырнынады куывды нæ мондæгтæ суадзæм, уымæн æмæ мах стæм Хуыцауы фырттæ æмæ чызджытæ æмæ Чырыстийы лымæнтæ (Ин. 15:15).

Ныр, Хуыцау адæймаг куыд сси, уыцы Сусæггадыл фæлгæсгæйæ, мах бæллæм, цæмæй бамбарæм, дыууæ мин азы размæ Вифлеемы цы цау æрцыд, уымæн йæ нысаниуæг, стæй уыцы цау махмæ æмæ не ‘мдугонтæм цы бар дары, уый.

Сыгъдæг апостол Павел фыссы: «Фæлæ афон куы ралæууыд, уæд Хуыцау рарвыста, сылгоймагæй Чи райгуырд æмæ Æгъдауы дæлбар Чи лæууыд, Йæ уыцы (Иунæг) Фырты, Æгъдауы дæлбар чи лæууы, уыдоны суæгъд кæнынмæ, цæмæй нæ Хуыцау банымайа Йæ хъæбултыл» (Гал. 4:4-5). Уыцы рæстæг куы сæххæст ис, уый размæ та, цымæ, цы уыдис? Дунейы дзыллæты истори Чырыстийы Райгуырды агъоммæ, раст зæгъгæйæ, у Хуыцауы агурыны истори. Зонды лæгтæн сæ сæрæндæртæ сæхи хъардтой, алы адæймаг дæр йæ царды мидæг иухуызы кæнæ иннæхуызы цы уæлæрдзон хъомыс æнкъары, уый гуырæнтæ рахатыныл.

Хуыцауы агургæйæ, адæм фæлвæрдтой æцæгад ссарын æмæ-иу адзæгъæл сты рæдыд фæндæгтыл. Стыр Иунæг Хуыцаумæ, Æцæг Хуыцаумæ, адæймаджы не ‘рбаввахс кодтой нæдæр йæ гуымиры тас æрдзы æвирхъау фæзындты раз, нæдæр, æрдзы тыхтæ, гуымирытæ æмæ хаттæй-хатт суанг йæхицæй дæр хуыцау кæй арæзта, уый, нæдæр, муртаттаг философты сæры-иу рæстæгæй-рæстæгмæ цы рухсы цъыртт фæзындис, уый. Æмæ «дуне йæхи зондæй Хуыцауы куы нæ базыдта» (1 Кор. 1:21), уæд Уый Йæхæдæг сфæнд кодта адæммæ æрцæуын. Нæ уды цæстытæй мах фæлгæсæм Хуыцауы стыр Сусæггадыл: Сфæлдисæг Йæхи скодта Йæ фæлдисонды халдих, райста адæймаджы æрдзыхъæд, бавзæрста æгады æфхæрд, амарди дзуарыл æмæ райгас и. Уыдæттæ иууылдæр сты, адæймаджы сæр кæй не ‘рцахсдзæн, ахæм диссаг, æмæ уыцы диссаг æххæстæй æвдисы, Хуыцау адæмæн Йæхи куыд раргом кодта, уый.

Чырысти райгуырд — æмæ дунейы зæрдæйы бацыди ныфс, Чырысти райгуырд — æмæ уарзондзинад æлдариуæг кæны мыггагмæ, Чырысти райгуырд — æмæ арв йæхи æркъул кодта зæххы онг, Чырысти райгуырд — æмæ нæ Вифлеемы стъалы Хуыцаумæ хоны раст фæндагыл, Чырысти райгуырд — æмæ уадз æмæ макæй бауырнæд, фыдæх фæуæлахиз уыдзæн, уый, уымæн æмæ мах фервæзтыстæм нæ уырнынады фæрцы. Нæхæдæг ницæмæй фесгуыхтыстæм — уый нын Хуыцауы лæвар у (Еф. 2:8).

Ирвæзынгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æмæ Йын Йе ‘рцыд рагацау йæ цæстылуайæны фенгæйæ, Исай-пехуымпар хъæрæй зæгъы: «Хуыцау немæ ис!» (Ис. 8:10). Ацы ныхас ныронг дæр у æнæзæгъгæ цины суадон милуангай чырыстæттæн, уымæн æмæ йæ Исай-пехуымпары дзыхы Хуыцау бавæрдта. Нæ Бардарæг райгуырди Вифлеемы, махæн та æдзух гуыры нæ зæрдæты æмæ немæ баззайы, Йæхиуыл дæр æмæ Йын Йе сконд Аргъуаныл дæр иузæрдион куы вæййæм, уæд. Уый немæ ис, хорз хъуыддæгтæ куы кæнæм уæд. Уый немæ ис, нæ хионыл куы аудæм, уæд. Уый немæ ис, искæмæн тæригъæд куы кæнæм, нæ зæрдæ йыл куы рисса, уæд. Уый немæ ис, кæрæдзимæ топпы кæсæнæй чи кæсы, уыдон куы фидауын кæнæм, уæд. Уый немæ ис, хатыр куы кæнæм æмæ искæй фыдæх фыдæхæй куы нæ фидæм, уæд. Уый немæ ис, Хуыцаумæ куы кувæм æмæ Аргъуаны Сусæггæдты куы архайæм, тынгдæр та — Арфæйы Сусæггады, Чырыстийы Табуйаг Аходæн райсыны, уæд.

Чырыстийы Райгуырды бæрæгбон махæн дзуры æппæты сæйрагдæр хъуыддагыл: нæ хæс у, цæмæй сахуыр уæм Хуыцауы уарзын æмæ, æппæт адæмтæн тъымы-тыматæм ирвæзындзинад чи ралæвар кодта, Уымæн, нæ Ирвæзынгæнæгæн, лæггад кæнын. Уый ныронг дæр ныхъхъæбысæввонг йæ къухтæ ивазы нæ алкæмæ дæр. Хуыцауæн зæрдиагæй табу кæнын æмæ Йæ разы аргъуыцгæнгæ лæууын куы базонæм, уæд афтæмæй сахуыр уыдзыстæм нæ хионтæн дæр лæггад кæнын æмæ уымæй равдисдзыстæм, йæ хъару уарзты мидæг кæмæн ис, ахæм уырнындзинад (Гал. 5:6).

Цæмæй хъуыддаг кæронмæ ахæццæ уа, уый тыххæй мах дæр иуцасдæр бацархайын хъæуы — Хуыцау нын цы ирвæзындзинады фарн саккаг кодта, уый сæраппонд Ын разынæм коммæгæс, баууæндæм нæ Бардарæджы ныхæстыл, бафæндæд нæ Йæ фæдзæхстытæ æххæст кæнын. Уыцы стыр æцæгдзинадæн йæ нысаниуæг куы бамбарæм, уæд канд нæхи удыхъæд нæ аивдзæн бындуронæй, фæлæ нæ алыварс дуне дæр дзæвгар фæхуыздæр уыдзæни. Мах сарæхсдзыстæм, царды ахсджиагдæр цы у, уыдонæн аккаг аргъ скæнынмæ. Нæ бон суыдзæни, уæларвæй нын цы цардвæндаг сныв чындæуыд, ууыл фарнимæ, æвæлмасæй æмæ ныфсхастæй цæуын æмæ Хуыцауæн табу æмæ арфæ кæнын.

Æмæ цæмæй ахæм удæргъæвд суæм, уый тыххæй хъуамæ чырыстæттæ уæм канд социологон æрфæрстытæм гæсгæ нæ, фæлæ нæ арф зондахаст æмæ нæ цардыуагæй, нæ дингæнæг фыдæлтæ Хуыцауыл зæрдæбынæй куыд æууæндыдысты, æхсидгæ уарзтæй Йæ куыд уарзтой, афтæ. Уыдоны æхсæн сæрмагонд бынат ахсы Уырысыл дзуарæфтауæг, апостолты æмсæр сыгъдæг æмæ цытджын къниаз Владимир. Йæ амæлæты 1000 азы бон ын бæрæг кæндзыстæм ацы аз. Гъе уыцы лæджы фæрцы хæссæм мах чырыстон кадджын ном æмæ иумæ стæм историон Уæрæсейы чырыстон æфсымæрон адæмты иугонд бинонтæ. Афтæ уыдис, у æмæ уыдзæни. Æмæ, Киевы дзуарæфтауæн донуаты бындартæ бирæ æнусты дæргъы цы монон æмæ культурон бастдзинæдтæ сарæзтой, уыдон атонын ницавæр катæйттæ, фæлварæнтæ æмæ æддагон тыхты бон бауыдзæн.

Ацы табуйаг Цыппурсы бонты кувы æппæт Аргъуан дæр, кувын æз мæхæдæг дæр, цæмæй Украинæйы зæххыл ралæууа фарны дуг. Уырыссаг Чырыстон Аргъуан, йæ хъæбултæ кæмфæнды куы цæрой, цыфæнды политикон цæстæнгастæ сæм куы уа, уæддæр æххæст кæндзæн йæ бæрнон хæс, Чырысти йын Йæхæдæг кæй бафæдзæхста, уый (Мф. 5:9). Уырыссаг Чырыстон Аргъуан алы æгъдауæй дæр зæрдиагæй архайы, цæмæй бафидауын кæна адæмы, баххуыс сын кæна, цæмæй сæ фыдæхы фæстиуджытыл фæуæлахиз уой.

Алы ныхмæлæудтытæ, алы фыдæх, алы дихтæн сæ бындур у тæригъæд. Сыгъдæг моладзан Челиаг Иустины загъдау, тæригъæд «йе ‘ппæт тыхтæ дæр аразы иу хъуыддагмæ: адæймаджы бахус кæны æмæ йын байсы йæ адæймагдзинад» (сыгъдæг моладзан Иустин (Попович), «Философион сæрсæфæнтæ»). Æмæ мах уынæм, Сфæлдисæг ын цы аккаг удыхъæд балæвар кодта, уый фесафыны бæллæхæй адæймаг зындойнаг уавæры куыд бахауы, уый.

Фæлæ Аргъуан адæмæн æвæллайгæйæ хъусын кæны цины уац (Лк. 2:10) Ирвæзынгæнæджы райгуырды тыххæй æмæ Хуыцауы номæй алы зæххон удмæ дæр сиды, цæмæй баууæнда æмæ йæхи хуыздæрмæ аива. Аргъуан нын амоны уæлæрдæм фæндаг: Хуыцауы агурынæй — Хуыцауы базонынмæ, Хуыцауы базонынæй — Хуыцауимæ хæларæй цæрынмæ, Хуыцауимæ хæлар цард кæнынæй — Хуыцауы æнгæс суæвынмæ. IV æнусы Александрийы цæрæг алчер Цытджын Афанаси æмбисонды диссаг ныхæстæй бафиппайдта, Ирвæзынгæнæг дунемæ цæй сæраппонд æрцыд, уый: «Хуыцау сси адæймаг, цæмæй адæймаг суа хуыцау». Йæхи æрдзыхъæды фæрцы нæ, фæлæ Хуыцауы фарны фæрцы. Аргъуан бирæ æнусты дæргъы цы фæлтæрддзинад райста, уый æвдисы: адæймаг йæ удыхъæд иттæг хорзмæ раивдзæн, Хуыцауы æнгæс суыдзæн уæларвæй йын лæвæрд фарн æмæ Хуыцауимæ бархи æмгуысты руаджы. Цæмæй Хуыцауы æнгæс суæм, уымæн сæххæст уæвæн ис удуæлдай куыст æмæ Сфæлдисæгæн коммæгæсы фæрцы. Нæ фыдæлты нын чи самидин кодта, хорз æмæ æвзæр базоныны бæласы дыргътæй саходут æмæ уайтагъд хуыцæутты æмсæр фестдзыстут (Райд. 3:5), зæгъгæ, уыцы залиаг калмы сайæнтыл зæрдæ дарæн нæй. Йæ цард уырнынады фисынтыл карст кæмæн у, уыдонæй алчи дæр зоны: Хуыцауыл иузæрдион кæй у, æрмæст уый йæ уромы æвзæр митæ æмæ хъуыдытæй, æрмæстдæр æй йæ уырнынад разæнгард кæны Хуыцауы кад æмæ йæ хионты фарны сæраппонд сгуыхтытæ æмæ фæллоймæ.

Уе ‘ппæтæн дæр Чырыстийы Райгуырды цытджын бæрæгбон æмæ Ногбоны фæдыл арфæ кæнгæйæ мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, фарн, æнтыст æмæ таучел ахъаз уæларвæй, цæмæй æнæкъуылымпыйæ цæуат нæ Бардарæг æмæ нæ Ирвæзынгæнæджы фæдыл.

...Алы хорзæх дæр Кæмæ ис, уыцы Хуыцау уæ сæвзæрста Чырыстиимæ иугондæй Йæ мыггагмæйы намысæй хай райсынмæ, æмæ уын Йæхæдæг ратдзæни ног тыхтæ, фидар зæрдæ æмæ æнæфæцудгæ хъомыс. Кадимæ паддзахиуæг кæнæд мыггагмæ! Аммен (1 Петр. 5:10-11).

 

МÆСКУЫ ÆМÆ ÆГАС УÆРÆСЕЙЫ ПАТРИАРХ

Мæскуы,
Чырыстийы Райгуырд
2014/2015 азтæ