Пятница, 10 Апрель 2015 21:01

Мæскуы æмæ æгас Уæрæсейы Патриарх КИРИЛЛЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ÆРВЫСТÆГ

 Мæскуы æмæ æгас Уæрæсейы Патриарх

КИРИЛЛЫ

КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ÆРВЫСТÆГ

алчертæ, сауджынтæ, диакъонтæ, моладзантæ

æмæ Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм

 

Чырыстийы фæрцы уарзон æфсымæр-алчертæ,

                                    фæрныг сауджынтæ æмæ диакъонтæ,

                                        Хуыцаууарзæг моладзантæ,

                                         зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

Цингæнгæ уын салам дæттын, алы заманты дæр ног чи у, цардмæ нæ чи хоны, уыцы уæлахизы бæрзонд ныхасæй:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Ацы æцæг царддæттæг ныхæсты диссаджы æмзæлы ис нæ уырнынады бындур, нæ ныфсы лæвар, нæ уарзондзинады суадон.

Знон дæр ма мах нæ Бардарæджы ахуыргæнинæгтимæ иумæ хъыг кодтам нæ уарзон Ахуыргæнæджы мæлæтыл, абон та æгас дунеимæ – цæстæй уынгæ æмæ æнæуынгæ дунеимæ – уæлахизы цин кæнæм: «Чырысти растад, мыггагмæйы цин» (Сыгъдæг Куадзæны канон). Знон дæр ма афтæ зындис, цыма нæ ирвæзындзинады фæстаг ныфс фесæфтам, фæлæ ацы бон ссардтам мыггагмæйы царды фидар ныфс Хуыцауы Паддзахады æнæхуысгæ рухсы. Знон дæр ма æмбийыны æндæрг Хуыцауы фæлдисондæн æлдариуæг кодта, зæххон царды мидис гуырысхойагæй æвдыста, фæлæ абон мах хъусын кæнæм æппæтæн дæр æмæ алкæмæн дæр, Цард мæлæтыл кæй фæуæлахиз, уыцы цытджын уац.

Хуыцауы фарны лæг апостол Павел, уыцы дард æхсæв цы диссаджы цау æрцыд, алы чырыстонæн дæр – йæ уды рæбинаг, уый мидис куы ранывæста, уæд уымæй комкоммæ загъта, уыцы цау нæ уырнынадæн æппæты ахсджиагдæр кæй у, уый тыххæй. Уымæн æмæ «кæд Чырысти нæ райгас, уæд нæ динамынды уац дæр æнæхъуаджы у, уæд æнæхъуаджы у уе ‘ууæнк дæр» (1 Кор. 15:14). Бардарæджы Куадзæн чырыстон динæн у йæ астæумагъз æмæ йе ‘нæбасæтгæ тых: сыгъдæг алчер Филарет Мæскуыйаджы ныхасмæ гæсгæ, уый фæлдисы ныфс, ссудзы уарзондзинады арт, базыртæ басадзы не скуывды ныхæстыл, уæларвæй нын æрæрвиты фарн, срухс нын кæны нæ зонд, ныффалгæрон кæны алы бæллæх æмæ суанг мæлæт дæр, нæ цард нын кæны цардхъом, нæ амонд нын бæллиццаг нæ кæны, дæтты нын æй æргом æмæ бындуронæй, кадæй æндæрг нæ аразы, фæлæ – æнусон рухсы æнусон æрвæрттывд, алцыдæр чи ныррухс кæны æмæ чи никæй ныццæвы, ахæм (Раныхас Сыгъдæг Куадзæны бон, 1826 аз).

Чырыстийы Райгасыл уырнынимæ фидар баст у Аргъуаны мæнæ ацы æууæнк дæр: Адæймаг чи сси, уыцы Хуыцауы Фырт æппæт адæмы сæрвæлтау Йæхи нывондæн куы ‘рхаста, тæригъæд æмæ мæлæты хъадамантæ куы ныссаста, уæд нын балæвар кодта уды æцæг сæрибар æмæ не Сфæлдисæгимæ баиу уæвыны цин. Афтæмæй нын Ирвæзынгæнæг ракодта, аргъ кæмæн нæй, ахæм лæвар, æмæ дзы æххæстæй хайджын стæм не ‘ппæт дæр, ацы рухс æхсæв чырыстон аргъуанты чи æрæмбырд æмæ сыгъдæг алчер Зæриндзых Иоанны загъдау, æууæнчы цæлы фынгыл чи бады, уыдон.

Куадзæн у, стыр хъизæмæрттæ Чи бавзæрста æмæ Голгофæйы Нывонд Чи сси, Уымæн, Ирвæзынгæнæгæн, Йæ сындзджын балцы тæмæн. Уаз фыдæлтæ æмæ аргъуыды чингуыты Чырыстийы арæх хонынц «нæ ирвæзындзинады сæраппонд сгуыхтыты Бындурæвæрæг». «Цæвиттон уын радтон» (Ин. 13:15), – зæгъы Бардарæг Йæ ахуыргæнинæгтæн æмæ не ‘ппæтмæ дæр сиды, цæмæй Йын фæзмæм Йæ царды уаг.

Фæлæ куыд бантысдзæни махæн Ирвæзынгæнæджы бафæзмын? Цавæр хъуамæ уа не сгуыхт нырыккон царды уавæрты? Абон дзырд «сгуыхт» куы фæзæгъæм, уæд адæймаджы цæстыл арæхдæр ауайы цавæрдæр таурæгъон хæстоны, историон архайæджы кæнæ зындгонд хъæбатыры сурæт ивгъуыд заманæй. Нæ, сгуыхты мидис, дæхицæн стыр кад самал кæнай, йе та, æппæт адæмы ‘хсæн нымады лæг суай, уый нæу. Сгуыхт иудадзыг баст у нæ уды фыдæбон æмæ нæ ромылимæ. Уый фæрцы сфæлтæрæм æмæ базонæм, цы у æцæг æмæ æххæст уарзондзинад, уымæн æмæ алы сгуыхтæн дæр йæ бындуры ис хи нывондæн æрхæссыны зæрдæ, уый та сгуыхтæн у йе ‘ппæты стырдæр æвдисæн.

Бардарæг нæм басидти, цæмæй не сгуыхты сæр уой уарзондзинады хъуыддæгтæ, нæ хионты сæраппонд кæнæм удуæлдай куыст, тынгдæр та, не ‘ххуыс ахсджиагдæр кæй хъæуы, уыдон сæраппонд: удхаргæнджыты, рынчынты, зыбыты иунæджыты, ныфссастыты. Ирвæзынгæнæг Йæхæдæг æргомæй хæст уыд ахæм царды уагыл, æмæ Йæ уыцы хъуыддаджы адæмы фылдæр хай куы фæзмой, уæд æнæмæнг уыдзысты тынг амондджын. Уымæн æмæ, иннæтæн лæггад кæнгæйæ, адæймаг ссары, йæхæдæг цы ратты, уымæй дзæвгар фылдæр: Бардарæг ын Йæхæдæг бахизы йæ зæрдæмæ, æмæ Хуыцауы фарнæй куы схайджын вæййы, уæд йæ цард иууылдæр аивы. Æнæ фыдæбонæй сыгъдæг суæвæн куыд нæй, æнæ Голгофæйæ Райгас куыд нæй, афтæ æнæ сгуыхтæй дæр адæймаджы зæрдæйæн ницы хуызы ис хæрзуаг æмæ четармæ аивæн.

Сгуыхтдзинад канд иугæйттæн нæ, фæлæ æппæт адæмæн дæр сæ царды мидис куы свæййы, Хуыцауы фæндон æххæст кæныны монц милуангай адæймæгты зæрдæтæ куы баиу кæны, уæд уыдон, сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ æмæ бæрзонд идеалтæ æмæ хæзнаты сæрыл рахæцынмæ цæттæ уæвгæйæ, саразынц алæмæты диссаджы хъуыддæгтæ, арæх зæххон адæймаджы зондæн рахатæн дæр кæмæн нæ вæййы, ахæмтæ. Уыцы адæмы уды хъомыс ахæм егъау разыны, æмæ ницавæр бæллæхтæ æмæ фыдгултæн бантысы йæ абырсын. Ацы ныхæстæн иттæг хорз æвдисæн у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз, нæ адæмы удуæлдай сгуыхт. Цытджын Уæлахизы 70 азы бон кадджын уавæры бæрæг кæнæм ацы аз.

Нæ хъыгтæ æмæ нæ фæлварæнты махыл æмбæлы æвæлмас æмæ æдæрсгæ уæвын, уымæн æмæ нын, цæмæй фыдæхыл фæуæлахиз уæм, уый тыххæй рардæуыди стыр æмæ кадджын ныфсæвæрæнтæ. Гъемæ цæмæн хъуамæ хъынцъым кæнæм, цæмæн хъуамæ асæтта нæ ныфс! Мах стæм Чырыстийы Аргъуан, Бардарæджы æнæсайд ныхасмæ гæсгæ, зындоны тыхтæ кæй нæ басæтдзысты, уый (Мф. 16:18). Мах тыххæй æвдисæн лæууы Хуыцауы Æргомад дæр: «Æмæ сын Хуыцау сæ цæстытæй ныссæрфдзæни сæ цæссыг, нал уыдзæни нæдæр мæлæт, нæдæр хъыгтæ, нæдæр хъарæг, нæдæр рыст, уымæн æмæ раздæр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Æрг. 21:3-4).

Хуыцаумæ кувгæйæ уе ‘ппæтæн дæр, цытджын æфсымæр-алчертæ æмæ сауджынтæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ, мæ зæрдæ зæгъы уды хъару, фидар уырнынад, фарн æмæ æвидигæ цин, мæлæт Чи ныссæста, уыцы Бардарæгыл. Чырыстийы Райгасы рухс нын нæ зæрдæтæ ныррухс кæнæд, Куадзæны диссаджы сусæггадыл нæхи бафæдзæхсæм æмæ нæ бæрæгбоны цин адих кæнæм нæ хионтимæ дæр æмæ, дæрддаг нын чи у, уыдонимæ дæр. Алкæмæн дæр æвдисæн лæууæм ингæнæй Сыстæг Ирвæзынгæнæджы тыххæй.

Уадз æмæ нæ нæ царды æппæт бонты иудадзыг тавæнт, рæвдауæнт, дæттæнт нын æцæг цин æмæ нæ разæнгард кæнæнт хæлар хъуыддæгтæм Куадзæны фарны уацы æхсидгæ ныхæстæ:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

ЧЫРЫСТИ ÆЦÆГÆЙДÆР РАЙГАС!

 

МÆСКУЫ ÆМÆ ÆГАС УÆРÆСЕЙЫ ПАТРИАРХ

 

Мæскуы,

Чырыстийы Куадзæн,

2015 аз

Последние публикации