Суббота, 14 Апрель 2012 14:53

Дзæуджыхъæу æмæ Махачкалайы архиепископ Йæ рухсдзинад ЗОСИМÆЙЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ Дзæуджыхъæу æмæ Махачкалайы епархийы сауджынтæ, моладзантæ æмæ æппæт цæрджытæм

Дзæуджыхъæу æмæ Махачкалайы архиепископ  Йæ рухсдзинад ЗОСИМÆЙЫ  КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ  Дзæуджыхъæу æмæ Махачкалайы епархийы  сауджынтæ, моладзантæ æмæ æппæт цæрджытæм.

 

Рухс Куадзæн! Цингæнгæйæ кæрæдзиуыл ныттыхсæм, æфсымæртæ! Æмæ нæм хæрам зæрдæ чи дары, уыдонæн æппæт дæр ныббарæм Чырыстийы райгасы тыххæй!

Рухс Куадзæны стихирæтæй

 

Чырыстийы æмдзинады кæрæдзийæн уарзон иууылæнæзæрдæхудт фыдтæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ, Чырыстийы Аргъуаны иузæрдион хъæбултæ – Ирыстон, Дагъистан, Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы цæрджытæ!

 

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

 

Нæ Хицау Йесо Чырыстийы зæххон цард æмæ адæмæн Йæ лæггады æцæг нысаниуæг бамбарæн ис, æрмæст Куадзæны рухс банкъаргæйæ.

Чырысти куы нæ райгас уыдаид, уæд нæ уыдаид нæдæр чырыстон дин, нæдæр Чырыстон Аргъуан, нæдæр уыдоны руаджы рантысæг нырыккон цивилизаци.

Чырыстон дин дунейæн канд Хуыцауы тыххæй ног зонындзинад нæ радта, канд æнусон дунемæ бацæуыны ног ныфс дзы нæ бауагъта, канд фервæзыны тыххæй ног æмбарындзинадæй йæ нæ сифтонг кодта. Уыимæ ма чырыстон дин дунейæн фехъусын кодта, Дунесфæлдисæг адæмы сæраппонд цы стыр диссаг бакодта, уый, –  дзуарылтыгъд Чырыстийы мæрдтæй райгас.

Йесо Чырыстийы мæрдтæй райгас адæмæн, сымах дæр сомбон мæрдтæй райгас уыдзыстут, зæгъгæ, канд уыцы ныфсæвæрæн нæу: уый ма у, зæххыл цы адæм царди, æппæт уыдоны райгасы райдиан дæр.

Иууылсыгъдæг Æртæиууон Хуыцауы сусæгдзинад æрмæстдæр Чырыстийы райгасы руаджы ис æххæстæй бамбарæн.

Дзуарылтыгъд Фырты райгас у Фыдæй аразгæ, æмæ уыцы диссаджы райгасимæ та баст у Сыгъдæг Хуыцауон Уды æрцыд ацы дунемæ. Фырт Йесо Чырысти Йæ Фыдмæ куы ссыди, æрмæст уæд райста Хуыцауæй, Йæ Аргъуанæн уый фæстæ нæртон лæвæрд кæй ракодта, уыцы Сыгъдæг Хуыцауон Уд.

Куадзæны кады зарёгы дзырдмæ гæсгæ, «абон æппæт дæр байдзаг ис рухсæй – уæларв, зæхх æмæ дæлзæхх!»

Абон Чырыстийы Куадзæны цинæй æгас растуырнæг дунеимæ райы æмæ йæ зæрдæрухсæй бæрæг кæны бирæнацион Кавказ дæр. Афæдз рацыди, Дзæуджыхъæу архиепископы кафедрæ ногæй куы сырæзти, уыцы бонæй. Сындæггай рæвдз кæны æмæ йæ къахыл лæууы нё епархийы цард. Ног хъуыддаг æнæ къуыхцы никуы вæййы, фæлæ, табу Йæхицæн, Хуыцауы фæрцы уæлахиз кæнæм зындзинæдтыл.

Стырæй стырдæр кæны ногæй сæндидзæг епархийы нысаниуæг Цæгат Кавказы монон æмæ æхсæнадон царды. Чырыстон Аргъуаны хъæбулты æхсæн апостолон фарн таугæйæ æмæ Аргъуаны æгъдау зæрдиагæй хъахъхъæнгæйæ, сноггонд епархи иудадзыг архайы æхсæнады, стæй Кавказы адæмты æхсæн сабырдзинад æмæ æфсымæрон æмуддзинад фидар кæнын.

Стыр бæрæгбоны номæй абон арфæ кæнын æрмæст чырыстæттæн нæ, фæлæ, Библийы кæй кой ис, æппæт уыцы адæмты байзæддæгтæн дæр, уымæн æмæ Авраамы Хуыцауы сконд Рæстаг Лæг Чырыстийы Райгас у, æппæтдунеон историйы æмбал кæмæн нæй, ахæм диссаджы цау. Уый у стыр цин, уымæн æмæ цард фæуæлахиз и мæлæтыл, хорздзинад – фыддзинадыл, æууæнк – æнæууæнкыл, Хуыцауон Рухс – зындоны саудалынгыл.

Уæдæ нæ зæрдæтæ байдзаг уæнт Куадзæны æвидигæ фарнæй! Банкъарæм Чырыстийы, царды æппæт фыдбонтыл дæр фæуæлахиз уæвын кæй бон у, Уый райгасы æнæкæрон циндзинад æмæ уыцы циндзинад æфсымæртау адих кæнæм не ‘ввахс адæмимæ! Райгасуæвæг Чырысти сабырдзинад, царды алы хæрзтæ æмæ кæрæдзи æмбарыны амонд саккаг кæнæд нæ иумæйаг уæзæг, нæхи Кавказæн! Ацы дзæнæтон бæстæйы цæрæг адæмты зæрдæтæ байдзаг кæнæд æфсымæрон уарзондзинад æмæ æнувыддзинадæй!

Ацы рухс бæрæгбон уын мæ зæрдæ зæгъы æнæкæрон цин, нæртон хъару æмæ æнæниздзинад, удварны хорзæх, стыр амонд æмæ бирæ хæрзтæ! Хуыцауæн æхцон хъуыддæгты æнтыстджын æмæ уæлахиз ут кæддæриддæр!

 

ЧЫРЫСТИ ÆЦÆГÆЙ РАЙГАС!

Сæрныллæг ЗОСИМÆ

Хуыцауы фæрцы

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ МАХАЧКАЛАЙЫ АРХИЕПИСКОП

 

 

Чырыстийы Куадзæн

Дзæуджыхъæуы сахар

2012 аз