Суббота, 21 Январь 2012 12:38

Архиепископ Зосимæйы арфæйы фыстæг профессор Гæбæраты Н.Я. 90 азы юбилейы фæдыл

12 январы Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты иумæйаг редакторыл филологон зонæдты доктор, профессор ГÆБÆРАТЫ Никъала Ясоны фыртыл 90 азы кæй сыххæст, уый фæдыл Дзæуджыхъæу æмæ Махачкалайы Архиепископ ЗОСИМÆ арфæйы фыстæг арвыста номджын юбилярмæ.

 


Хуссар Ирыстоны

Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты

æвзагзонынады хайады сæргълæууæг,

филологон зонæдты доктор, профессор

ГÆБÆРАТЫ Н. Я.

 


Цытджын Ясоны фырт Никъала!

Айс цæстуарзон арфæтæ дæ нæуæдзæм гуырæн боны фæдыл!

Дæ зæрдиаг фæллойæ ды стыр лæггад кæныс æрмæст мадæлон æвзагæн нæ, фæлæ, æмткæй райсгæйæ, ирон æмæ уыимæ – уæрæсейаг культурæйæн. Ирыстоны Чырыстон Растуырнæг Аргъуан стыр аргъ кæны дæ ахадгæ зонадон æмæ рухстауæн куыстæн.

Мæн сæрмагондæй банысан кæнын фæнды дæ удуæлдай фыдæбон ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат бацæттæ кæнын æмæ йæ мыхуыры рауадзыны хъуыддаджы. Фидарæй мæ уырны, уыцы чиныг уæлдай ахъаз кæй фæуыдзæн ирон аив æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ йæ дарддæры рæзтæн.

Ноггуырд Йесо Чырысти дын стыр арфæ ракæнæд! Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, æвæлмаст миддуне, æвидийгæ сфæлдыстадон уæлмонц æмæ бирæ ног æнтыстытæ!

 

ЗОСИМÆ,

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ МАХАЧКАЛАЙЫ АРХИЕПИСКОП

 

Дзæуджыхъæуы сахар

12.01.2012 аз