Суббота, 05 Январь 2013 00:00

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ЙӔ РУХСДЗИНАД ЗОСИМӔЙЫ ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ МАХАЧКАЛАЙЫ ЕПАРХИТЫ САУДЖЫНТӔ, МОЛАДЗАНТӔ ӔМӔ ӔППӔТ ЦӔРДЖЫТӔМ

 

 

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР

ЙӔ РУХСДЗИНАД ЗОСИМӔЙЫ

ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ МАХАЧКАЛАЙЫ ЕПАРХИТЫ

САУДЖЫНТӔ, МОЛАДЗАНТӔ ӔМӔ ӔППӔТ ЦӔРДЖЫТӔМ

 

 

 

Чырысти дунемæ рантысы – батабу Йын кæнут!

Чырысти уæларвæй– сæмбæлут Ыл!

Чырысти зæххыл – фæныфсджын ут!

Зар Дунедарæгæн, æппæт зæхх,

райгæ базарут, адæм, –

Хуыцау раргом ис.

 

(Цыппурсы каноны 1-аг зарæджы ирмос)

 

 

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон фӕрныг сауджынтӕ, табугӕнӕг диакъонтӕ, Хуыцаууарзаг моладзантӕ, Хуыцаумæ кувӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ – Растуырнӕг Уырыссаг Аргъуаны ӕппӕт иузӕрдион хъӕбултӕ, Цӕгат Ирыстон, Дагъистан, Мӕхъхъӕл ӕмӕ Цӕцӕны цӕрджытӕ!

Зӕрдæбын арфӕ уын кӕнын Цыппурсы стыр ӕмӕ царддӕттӕг бӕрӕгбоны фæдыл!

Хуыцауы Фырты рантыст ацы дунемӕ у адӕмты историйы сæйрагдæр цау ӕмӕ уыимӕ – зӕгъӕн дæр кӕмӕн нӕй, чырыстон дины ахӕм стыр сусӕгдзинад, сыгъдæг апостол Павелы ныхасмӕгӕсгӕ: «Сфӕлдисӕгӕн кад кӕныны стыр сусӕгдзинад: Хуыцау раргом адӕймаджы хуызы».(1 Тим.3:16).

Чырыстийы Райгуырдыл арф æмæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй дзуры Сыгъдæг Евангели. Ацы ахсджиаг цау уды стырдæр бæллицты сæххæсты хуызæн у. Уый адæймаджы разæнгард кæны ацы мӕнг дунейы Хуыцауон рухс ссарынмӕ  ӕмӕ йын дӕтты йӕ цард фӕхуыздӕр кӕныны хъару. Цыппурс сси сабырдзинад ӕмӕ ӕфсымӕрон уарзондзинады бӕрӕгбон, зæрдæйы хорз ӕмӕ цины символ, фæрныг бинонтӕ рӕсугъд фӕлыст наз бӕласы цур сæ хъарм къонайы кӕй сбæрæг кӕнынц, ахӕм ӕхсызгон бон.

Фӕлӕ, ацы дунемӕ Чырыстийы ӕрцыд мысгӕйӕ, мах хъуамæ Хуыцауон Ноггуырды канд лирикон ӕнкъарӕнтӕй ма буц кӕнӕм. Хуыцауы Фырты райгуырдыл хъуыды кæнгæйæ, алы чырыстон дӕр йæ зæрдæйы сног кӕнӕд Чырыстийы фӕдыл цӕуыны ӕмӕ канд номӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтӕй дӕр чырыстон уӕвыны цæттæдзинад. Цӕмӕй адӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ, кад кӕной нӕ Уӕларвон Фыдӕн (Мф.5:16). Цыппурсы-иу нӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ хиуӕттӕн лӕвӕрттӕ куы кæнæм, уæд-иу нын рохуаты ма аззайæд, не ’ххуыс ӕмӕ аудыны цух чи у,  уыцы сидзӕртæ, рынчынтæ, фæкæсинаг иунӕджытæ ӕмӕ ацӕргӕтæ дæр.

Ивгъуыд аз Цӕгат Кавказы зӕххыл басгуыхти Сыгъдӕг Растуырнӕг Аргъуаны сӕндидзын ӕмӕ дарддæр сфидар кӕныны рӕстӕг. Разæнгардæй нӕхи цӕттӕ кӕнӕм  2014 азмæ – Аланийы чырыстон аргъуыды 1100 азы юбилей сбæрæг кӕнынмӕ. Дзӕуджыхъӕуы  бындур ӕвӕрд ӕрцыд  сыгъдӕг хӕрзиузӕрдион ӕлдар Александр Невскийы  стыр аргъуанӕн. Рыстзæрдæ Беслæны сахары фыццаг скъолайы кӕрты сӕрмагондӕй скуывтам Уырысы ногхъизӕмаргӕнджытæ ӕмӕ Чырыстийы сæрыл фыдӕбӕттӕбаййафджыты аргъуаны арæзтад райдайынæн. Цӕгат Ирыстоны æнтыстджынæй ацыди аргъуаны музыкӕйы Куадзӕны фестиваль зындгонд чырыстон музыкант архимандрит Матфей (Мормылы) номыл. Епархийы царды ахсджиаг цаутыл банымайæн ис сыгъдӕг Георгийы ӕмӕ сыгъдӕг Кирилл ӕмӕ Мефодийы номыл кӕстытӕн.

Махачкалайы  сыгъдӕг Майрӕмкуадзӕны аргъуаны кӕрты йæ бынатæй фенкъуыст алчеры агъуыст ӕмӕ чырыстон культурон центры арӕзтад, дарддӕр цæуынц сахары сӕйраг аргъуан сфӕлындыны куыстытӕ дӕр. Мады-Майрӕмы аудӕн Кæрдæны бӕрӕгбоны рӕстӕг Мӕхъхъӕлы Республикӕйы станицæ Орджоникидзевскæйы байгом Мады-Майрӕмы аудӕн Кæрдæны ног аргъуан. Цӕцӕны республикӕйы Нуыры станицæйы бындур ӕвӕрд ӕрцыд Цыппурсы аргъуаны арӕзтадӕн. Дзӕуджыхъӕу, Хъызлар, Каспийск ӕмӕ нӕ республикӕты ӕндӕр сахартӕ ӕмӕ хъӕуты дарддӕр куыст цæуы бирӕ ӕндӕр аргъуантæ саразын ӕмӕ сфӕлындыныл.

Ивгъуыд аз паддзахад ӕмӕ Чырыстон аргъуаны фӕрцы бирӕ номарӕн мадзӕлттӕ арæзт ӕрцыд 1812 азы Фыдыбӕстӕйы хӕсты фӕуӕлахизы 200 азы кадæн. Хъызлары сыгъдӕг Георгийы аргъуанмæ æввахс æвæрд ӕрцыд бакувӕн дзуар 1812 азы хӕсты хъайтар инӕлар Петр Иваны фырт Багратионы номыл. Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау хӕсты быдыры чи фӕмард, уыдоны номыл мысӕн дзуар æвæрд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы Кады аллейы дӕр.

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Махачкалайы епархи саразыныл рацыд дыууӕ азы. Ацы рӕстӕгмӕ бирӕ ивындзинӕдтӕ ӕрцыд куыд Уырыссаг Растуырнӕг Аргъуаны царды, афтӕ нӕ епархийы царды дӕр.

Фылдӕр Цӕгат Ирыстон-Аланийы уӕвгӕйӕ, ӕз архайдтон цӕмӕй мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, Дагъистан, Цӕцӕн ӕмӕ Мӕхъхъӕлы цӕрджытӕ дӕр ӕнӕхъусдардӕй ма баззаййой. Иу æмæ дыууæ хаты нæ бабæрæг кодтон нӕ епархимӕ хауӕг республикӕтæ, базонгӕ дӕн Махачкала, Хъызлар, Грозна, Науыры ӕмӕ Магасы благъоцты цардимӕ. Уыимӕ –   федтон, ацы республикӕты, уӕлдайдӕр та Дагъистаны, аргъуаны цард сфидар кӕнынӕн кӕй хъӕуы алчеры ӕппынæдзух хъусдард. Уый тыххӕй 26 декабры Уӕлфӕдзӕхст Синоды уынаффӕмӕ гӕсгӕ Уырыссаг Растуырнӕг Аргъуаны арӕзт ӕрцыдис дыууӕ ног епархийы: Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы епархии – Цӕгат Ирыстоны арӕнты ӕмӕ Махачкалайы епархии – Дагъистан, Цӕцӕн ӕмӕ Мӕхъхъӕлы республикӕты арӕнты.

Уӕлфӕдзӕхст Синоды уынаффӕ ӕнӕмӕнг ахъаз уыдзӕн Чырыстон дин Цӕгат Кавказы республикӕты сфидар кӕнынӕн, ӕмӕ ӕз зӕрдæбын арфӕ кӕнын Дагъистан, Цӕцӕн ӕмӕ Мӕхъхъӕлы растуырнӕг цӕрджытӕн Махачкалайы хицӕн епархи саразыны фӕдыл.

Бӕлвырд историон цауыл банымайын хъӕуы Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы епархийы сырӕзт. Сӕххӕст Иры растуырнӕг чырыстон адӕмы стыр бӕллиц, ӕмӕ ацы ӕхсызгон цауы фӕдыл арфӕ кӕнын ӕгас Ирыстоны адӕмӕн.

Уырны мӕ, ногарӕзт епархиты цард ӕмӕ куыст ног азы фидарӕй фидардӕр кӕй кӕндзӕн.

Цыппурсы хорзӕх уӕ уӕд, мӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ фыдтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ! Хуыцау зӕгъӕд, цӕмӕй алы хӕдзар, алы бинонтæ дӕр банкъарой  бӕрӕгбоны циндзинад! Ноггуырд Чырысти нын нӕ хӕдзӕрттӕн раарфӕ кӕнӕд ӕмӕ сӕ Йӕ Хуыцауон рухс ӕмӕ Фарнӕй байдзаг кӕнӕд! Стыр Хуыцауы фæндæй цы ног аз ралæууыд, уый нын сабырдзинад, ӕнцойад ӕмӕ ӕвидигӕ бӕркад цы ӕрхӕсса, ахӕм хорзӕх нӕ уӕд!

 

СӔРНЫЛЛӔГ ЗОСИМӔ, ХУЫЦАУЫ ФӔНДОНӔЙ ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР, МАХАЧКАЛАЙЫ ЕПАРХИЙЫ РÆСТÆГМÆ ФÆТКДАР

 

 

Цыппурс

Дзӕуджыхъӕуы сахар

2013 аз