Пятница, 19 Июнь 2015 20:04

Поздравление архиепископа Зосимы писателю Нафи Джусойты с 90-летием

Архиепископ Зосима поздравил известного осетинского писателя Нафи Джусоева с 90-летием.

 ИРЫСТОНЫ РАЗАГЪДЫ ЛÆГ

АДÆМОН ФЫССÆГ

ДЖУСОЙТЫ НАФИМÆ

                                        Цытджын Нафи!

Дæ 90 азы бон дыл мæ зæрдиаг арфæтæ сæмбæлæд!

Ды дæ, Ирыстонæн кад æмæ сæр чи скодта, йæ уыцы фендтаг зæнæджы хуыздæр. Зонæм дæ стыр фыссæг – поэт, прозаик æмæ драматургæй, нæрæмон публицист æмæ тæлмацгæнæгæй, хъуыстгонд литературæиртасæг-классик æмæ æхсæнадон архайæгæй. Æнæмæнг дæумæ фæхæццæ ис Æппæтхъом Хуыцауы комытæф, Дунедарæг дæ равзæрста зæххон адæмы ‘хсæн æмæ дын цæстуарзонæй радта бæллиццаг алыхуызон курдиæттæ æмæ фæрнæйдзаг бирæ цардыбонтæ.

Хуыцауы рæдау лæвæрттæ æмæ дæхи рухс, уæздан, æнæнцой уды хъомысæй иудадзыг лæггад кæныс Райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмæн, æнувыдæй кусыс де ‘мбæстæгты фарн æмæ мидысконды æууæлтæ сбæрзонд кæныныл.

Гъемæ дæ курын, ратт мын дæ цытджын гуырæн боны охыл Хуыцаумæ скувыны бар – уд æмæ буарæй фидар куыд уай, ныфсæй – æнæфæцудгæ; цардбæллон æмæ цардæмхицæй куыд цæуай дæ дарддæры цардвæндæгтыл.

Кæддæриддæр Хуыцауæй арфæгонд у, Нафи, дæ хиуæттæ æмæ дæ зæрдæмæ хæстæг адæмимæ. Дунедарæг æмæ Уастырджи – дæ фæдзæхсæг! Ирыстоны хорзæн фарн æмæ амондимæ, æнæниз æмæ зæрдæрухсæй цæр æмæ ног æмæ ног уацмыстæй циндзинад хæсс ирон чиныгкæсджытæн!

+ЗОСИМÆ,

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ АЛЧЕР