Суббота, 19 Апрель 2014 13:53

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Алчер ЗОСИМÆЙЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Алчер ЗОСИМÆЙЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ.

 

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Архиепископ
ЗОСИМÆЙЫ

КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Ирыстоны Аргъуаны лæггадгæнджытæ, моладзантæ
æмæ æппæт чырыстæттæм

2014 аз

Бæрæг кæнæм мæлæты фесæфт,
зындоны фехæлд,
æндæр, æнусон, царды райдайæн,
æмæ райгæйæ зарæм æппæт Сфæлдисæгæн –
нæ фыдæлты Стыр Хуыцауæн,
Иунæг Табуйаг æмæ Кадджынæн...

(Куадзæны каноны 7-æм зарæджы тропар)

 

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Зынаргъ сауджынтæ æмæ диакъонтæ, æфсымæртæ æмæ хотæ!


Абон Чырыстон аргъуан бæрæг кæны дунеон историйы стырдæр цау – Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Райгас. Ацы цау нæ Аргъуан хоны мæлæт æмæ тæригъæдыл уæлахиз, не ‘ууæнчы æнæфæцудгæ бындур. «Кæд Чырысти нæ райгас, уæд æнæхъуаджы у уе ‘ууæнк» – зæгъы сыгъдæг апостол Павел (1 Кор. 15:17). Чырыстийы Райгасæн ахæм бындурон нысаниуæг уымæн ис æмæ, кæд Уый нæ райгас, уæд сæфт у Йæ зæххон царды нысаниуæг дæр æмæ Йе стыр сгуыхты мидис дæр. Ӕцæгæйдæр, цы нысан кодтаид Чырыстийы тох фыдæх æмæ хæрамимæ Йæ ахуыргæнинæгтæн дæр æмæ дарддæры фæлтæртæн дæр, æрмæст дзуарыл мæлæтæй куы фæуыдаид, уæд?

Ахæм мæлæт нысан кодтаид, фыдæх æнæбасæтгæ кæй у, йæ басæттынхъом тых кæй нæй, æппæт адæм æмæ æгас дуне йæ амæддаг кæй сты, æмæ æппынфæстаг фыдæх кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый. Фæлæ Чырысти мæрдтæй райгас, æмæ уыцы цау æргом кæны æндæр фидæн: кæд æдде бакæсгæйæ цыфæнды тыхджын зыны, уæддæр фыдæхы бон нæу дунейы мыггагмæ хицауиуæг кæнын. Чырысти йын фæуæлахиз йæ иууыл стырдæр фæстиуæгыл – мæлæтыл. Ӕмæ Чырыстийы уыцы уæлахизæй алы адæймагæн дæр ис хай райсыны бар, цæмæй йæ фидарæй бауырна: фыдæхы ныхмæ фæлæууæн ис куыд хи сæрмагонд, афтæ æхсæнадон царды дæр. Æууæнк нæ иу кæны Чырыстиимæ æмæ нын дæтты хъару. Æууæнчы фæрцы мах свæййæм Йæ ахуыргæнинæгтæ, Йæ хъуыддаг Ын дарддæр чи ахæццæ кæндзæн, уыдон.

Фæлæ Чырыстийы фæуæлахиз фыдæхыл не скуынæг кодта тæригъæд а зæххыл. Куыд Хуыцауы æппæт хъуыддæгтæ, афтæ Чырыстийы мæрдтæй райгас дæр адæймаджы сæрибар бархъомыс нæ дæлдзиныг кæны. Уый нысан кæны, нæ царды ныл цы фыдæх сæмбæлы, уыимæ тохгæнгæйæ мах дæр Чырыстийы уæлахизæй кæй схайджын вæййæм.

Нæ ныфсы бындур та сты сыгъдæг апостол Павелы ныхæстæ: Чырыстийæн «æмбæлы паддзахиуæг кæнын, цалынмæ Йе знæгты иууылдæр Йæ къæхты бын нæ ныккæна, уæдмæ. Фӕстаг знаг та – мæлæт – бабын уыдзæн». (1 Кор. 15:25-26). Афтæмæй мæлæт дæр саст æрцæудзæни куыд фыдæхы стырдæр фидар, æмæ «Хуыцау йæ Хицау уыдзæн алцæмæндæр æмæ алкæмæндæр». (1 Кор. 15:28). Ӕнусты кæрон Хуыцау раргом кæндзæн Йæ кад, æмæ Йæ фарнæй байдзаг уыдзæнис æппæт дуне. Фыдæхы фарсхæцджыты баййафдзæни мыггагмæйы мæлæт, фарны хъуыддæгтæ чи кодта, уыдоны хай та уыдзæни мыггагмæйы цард Хуыцауы паддзахады.

Ацы нысанмæ амонæг фæндагыл чи æрлæууы, уыдонæй алкæй дæр бахъæуы фарн æмæ фыдæхы ‘хсæн равзарын. Фарнмæ фæндаг домы хъæбатырдзинад, удуæлдай фыдæбон. Уый у хи монцтимæ тох кæныны фæндаг. Уымæн æмæ, хи стаугæйæ кæй æрвитæм, уый нæ, фæлæ, Хуыцау æмæ адæмæн кæй снывонд кæнæм, уый у адæймаджы æцæг цард. Фарны фæндаг чи равзара, уыдон фæуæлахиз уыдзысты фыдæхыл æмæ сын мыггагмæйы Хуыцауон царды уыдзæни хай. Абон цы равзарæм, уымæй аразгæ у æрмæст нæхи сæрмагонд амонд нæ, фæлæ нæ Фыдыбæстæйы сомбон дæр.

«Бæрæг кæнæм мæлæты фесæфт, зындоны фехæлд, æндæр, æнусон, царды райдайæн», – зары абон Рухс Аргъуан. Гъемæ мах дæр, Мæрдтæй Чи райгас, Уыцы Чырыстийы нæ зæрдæтæм райсгæйæ, равдисæм: Йæ фæдыл царды фæндагыл цæуынмæ цæттæ стæм, стыр ныфс нæ ис, Рухс Райгас фæстагмæ бынтондæр кæй фæуæлахиз уыдзæн.

Зæрдæбын арфæ уын кæнын Куадзæны стыр бæрæгбоны фæдыл, мæ зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй фидар хъомыс, удæргъæвды фарн æмæ Куадзæны цинæй æххæст уат. Чырысти мæрдтæй кæй райгас, уый фæрцы дуне банкъардта æмæ федта Хуыцауы тых æмæ Чырыстийы уæлахиз фыдæх æмæ хæрамыл. Уæдæ уыцы тых мах дæр Йæ Хуыцауон уæлахизы фарнæй цы схайджын кæна, ахæм хорзæх нæ уæд. Хуыцау Йæ ирвæзынгæнæг Райгасы фарнæй Ирыстонæн раарфæ кæнæд æмæ нын нæ царды алы къахдзæфы дæр ахъазгæнæг уæд!

 

ЁЦÆГÆЙ РАЙГАС ЧЫРЫСТИ!


+ ЗОСИМÆ,
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ АРХИЕПИСКОП

Дзæуджыхъæу
Чырыстийы Куадзæн

2014 аз