Суббота, 04 Май 2013 09:45

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Алчер ЗОСИМÆЙЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Алчер ЗОСИМÆЙЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Ирыстоны Аргъуаны лæггадгæнджытæ, моладзантæ
æмæ æппæт чырыстæттæм
2013 аз

 

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Алчер
ЗОСИМÆЙЫ

КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Ирыстоны Аргъуаны лæггадгæнджытæ, моладзантæ
æмæ æппæт чырыстæттæм
2013 аз


«Христос воскрес!» — победно песнь святая
Вновь грянула с ликующих небес,
И тленный мир от края и до края
Поет в ответ: «Воистину воскрес!»

КЪОСТА Хетæгкаты. Æмдзæвгæ «На Пасху»-йæ, 1895 аз


Сæрныллæг Зосимæ,
Хуыцауы фæндонæй Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Алчер,
уæздан сауджынтæн, диакъонтæн, моладзантæн æмæ хуыцаууарзаг кувæг адæмæн,
Ирыстоны чырыстæттæн се ’ппæтæн дæр —
нæ Хицау, Хуыцау æмæ Ирвæзынгæнæг Йесо Чырыстийы
фарн æмæ хорзæх!


Чырыстийы фæрцы нæ уарзон æмлæггадгæнæг æфсымæртæ, нæ Мадæл-Аргъуаны хуыцаууарзаг æмæ Хуыцаумæ кувæг хъæбултæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!


ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!


Ацы зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй мах кæрæдзийæн салам фæдæттæм Куадзæны арфæйаг бонты. Дзуаппæн та нын вæййы нæ бæллицтæ, тæлæнтæ æмæ ныфсæй йемыдзаг:


ÆЦÆГÆЙ РАЙГАС!


Æмæ раст уыдзæнис афтæ зæгъын: уыцы цауыл цæйбæрц æууæндæм, нæ царды йын цæйбæрц ахадындзинад ис, уымæй барстæуы махæн не ’нувыддзинад чырыстон диныл.
Стыр бæрæгбонмæ мах нæхи цæттæ кодтам, дыууиссæдз боны дæргъы ком даргæ æмæ Хуыцаумæ кувгæйæ. Куадзæны хæдразмæ Утæхсæн къуыри арвыстам, Нæ Ирвæзынгæнæджы зæххон царды фæстаг бонтæ æмæ дзуарылтыгъд мæлæт мысгæйæ. Æмæ афтæмæй мæнæ схæццæ стæм ныр Хуыцауы хæрзаудæны бæрзæндмæ æмæ æвдисæн разындыстæм Чырыстийы мæрдтæй райгасæн.


Куадзæны райсом Сыгъдæг Аргъуан кæддæриддæр æрымысы, мирохæссæг сылгоймæгтæ нæ Хицау Йесо Чырыстийы зæппадзмæ сæумæрайсом зæрдæрыстæй куыд бацыдысты, уыцы цау. Зындгонд куыд у, афтæмæй зæппадзы бахизæны стыр дур уыдон фæлдæхтæй баййæфтой. Дурыл тæмæнтæкалгæ дарæсы бадти зæд, æмæ йын йæ уындæй сылгоймæгтæ фæтарстысты. Уый сын загъта: «Ма тæрсут. Йесойы агурут сымах, дзуарылтыгъд Назаретаджы. Ам нæй, райгас и. Мæнæ, кæм Æй бавæрдтой, уыцы бынат» (Μк. 16:6–7), «атындзут, зæгъут Ын Йæ ахуыргæнинæгтæн, Уый мæрдтæй райгас и, зæгъгæ» (Μф. 28:7).


Тæккæ уыцы бон зæххон дзыллæйы цард цæхгæр аивта, аивта бындуронæй æмæ мыггагмæ. Чырыстийы афтид зæппадз Йæ райгасы æцæгдзинады нысан кæмæн сси, уыдоны цард мидисæй байдзаг. Уымæн æмæ Чырыстийы райгасы æцæгдзинад адæймагæн стыр ныфсы цæджындз басгуыхти йæ царды уæззаудæр заманты æмæ йæ фæцудынæй хизы.
Абон Дунедарæг сиды махмæ дæр, цæмæй аиуварс кæнæм нæ зæххон хъыгтæ æмæ сагъæстæ, ныббарæм не знæгтæ æмæ не ’фхæрджытæн, уымæн æмæ цин æмæ хъæлдзæгдзинады бон ралæууыди.


Хуыцауы Иунæг Фырт ныххызти зындонмæ æмæ Йæ Фыды хъомыс æмæ Йæхи хуыцауон хъаруйæ фæуæлахиз мæлæтыл. Донаргъуыды Сусæгдзинад махæн нæ зæрдæты бауадзы фидæны райгасы ныфс: донмæ бахизгæйæ мах дзуарыл тыгъд æрцæуæм Чырыстиимæ æмæ, донæй рахизгæйæ, мæрдтæй Йемæ растæм. «Ау, нæ зонут, — зæгъы апостол Павел, — цæмæй Йесо Чырыстиимæ баиу уæм, уый тыххæй ныл куы саргъуыдæуыд, уæд иууылдæр Йемæ кæй амардыстæм, уый? Гъемæ уæдæ аргъауыны рæстæг мах амардыстæм æмæ ныгæд æрцыдыстæм Йемæ, цæмæй, Чырысти Йæ Фыды хъомысæй мæрдтæй куыд райгас, афтæ мах дæр райгас уæм æмæ цæрæм ногæй. Уымæн æмæ, кæд Чырыстийау амардыстæм æмæ афтæмæй баиу стæм Йемæ, уæд мæрдтæй дæр, Уый куыд райгас, афтæ райгас уыдзыстæм æмæ баиу уыдзыстæм Йемæ» (Ром. 6:3-5).


Уæдæ амæй фæстæмæ адæймаг тас æфтауы дæлимонæн йæхиуыл дæр æмæ мæлæтыл дæр. Абонæй фæстæмæ адæймаг цæры æстæм боны цардæй, фидæн æнусы цардæй. Чырыстийыл йæхи чи бафæдзæхста, уыцы адæймаг æнусон цард æмæ цинæй хайджын свæййы мæрдты иумæйаг райгасы агъоммæ. «Мæлæт, — æрхæссæм та нæуæгæй апостол Павелы ныхæстæ, — махмæ ныр ницыуал бархъомыс дары» (Ром. 6:9).


Уыцы цард æмæ цины тыххæй дунейæн хъусын кæны Сыгъдæг Аргъуан. Уый нæ ахуыр кæны апостолы дзыхæй: «Хицау Чырыстиимæ иумæ цин кæнут кæддæриддæр. Ноджыдæр ма уын зæгъын: цин кæнут» (Флп. 4:4). Аргъуаны фæнды, цæмæй Дунедарæджы цинæй кæддæриддæр йемыдзаг уа нæ зæрдæ, цæмæй уыцы цин æнкъарæм афæдз иу хатт, Куадзæны бæрæгбоны нæ, фæлæ алы хуыцаубоны дæр, кæд гæнæн ис, уæд та — нæ царды алы уысм дæр. Зæххон æхцондзинæдтæ æмæ хъæлдзæггæнæнтæ кæй расайынц æмæ нын уый фæстæ нæ зæрдæ афтид æмæ æрхуымæй чи ныууадзы, дзырд уыцы рæстæгмæйы цинтыл, уысмон цинтыл, нæ цæуы. Дзырд цæуы, Хуыцау кæддæриддæр немæ кæй ис, уыцы фидар æууæнкæй гуырæг, миддунейы сабыр æмæ æвидигæ циныл.


Куыд тынг мæ фæнды, цæмæй уыцы цин фæндаг ссара алы хæдзармæ дæр, алы къонамæ дæр, уæлдайдæр та — цæмæй æрбынат кæна алы адæймаджы зæрдæйы дæр, уымæн æмæ Хуыцауы фыццаджыдæр мидзæрдæйы фæнды байтауын Цины уац: Чырысти Райгас, æмæ райгас уæвыны ныфс ис дæу дæр!


Цæй, ахæссæм немæ, Сыгъдæг Куадзæны бæрæгæхсæв дзуары бын цы цин æмæ æхсызгондзинад банкъардтам, уый. Фæхай дзы кæнæм нæ сабитæ æмæ нæ ныййарджытæн, не ’фсымæртæ æмæ нæ хотæн, нæ хæлæрттæ æмæ нæ зонгæтæн. Райгасуæвæг Чырыстийыл райгæйæ, бацархайæм, цæмæй нæ цинæй саходой хъыгзæрдæ æмæ мæстджын, рынчын æмæ æвæгæсæг чи у, не ’ххуыс æмæ нæ аудынмæ уæлдай тынгдæр чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон иууылдæр.


Хуыцауæй сымахæн арфæтæ кургæйæ, æз ногæй æмæ ногæй æрвитын уе ’ппæтæн дæр Куадзæны æххæстцинæфтауæг салам:



ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

ЗОСИМÆ
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ АЛЧЕР



  Дзæуджыхъæу,
 Чырыстийы Куадзæн
  2013 аз